Слайд 1нывкæнынад
Ирыстоны национ культурæ
Слайд 2Нысан: Дарддæр зонгæ кæнын скъоладзауты Ирыстоны культурæйы минæвæрттимæ, аивады дæснытимæ –
зындгонд нывгæнджытимæ; зæрдыл æрлæууын кæнын цы сты антонимтæ, ног лексикæйæ ныхасы растæй пайда кæнынмæ арæхсын; скъоладзауты хи хъуыдытæ зæгъыныл фæцалх кæнын; ахуырдзаутæм гуырын кæнын цымыдисдзинад Ирыстоны культурæмæ, нывгæнынадмæ,нывгæнджытæм.
Слайд 3
Фæндаг куы нæ зонай, уæд разæй макуы цу.
Насир Хосров, скæсæйнаг философ
Слайд 4 Ирыстоны национ нывкæнынады райрæзт баст у ХХ æнусы 50-70-æм азтимæ.
Уыцы растæг Ирыстоны æрыздæхтысты, Мæскуы æмæ Ленинграды уæлдæр профессионалон ахуырад чи райста, уыцы æрыгон курдиатджын нывгæнджытæ.
Национ нывгæнынады фыццаг минæвæрттæ уыдысты Тугъанты Махарбег, Хохты Аслæнджери,Дзанайты Азанбег,Дзантиаты Юри,Калманты Батыр.Уыдон систой ацы аивады хуыз бæрзонд æмвæзадмæ æмæ скодтой фæндаг, абон æнæхъæн дунейыл хъуыстгонд чи у ,уыцы нывгæнджытæн.Уыдон сты: Хетæгкаты Хъазыбег,Бедойты Шалва, Джыккайты Мурат, Челæхсаты Магрез,Дзиуаты Батрадз,Саккаты Эльбрус æмæ бирæ æндæртæ.
Ацы нывгæнджытæ се сфæлдыстады сæйрагдæр нысаныл банымадтой адæймаджы æнкъарæнты рæсугъддзинад æмæ гармони равдисын, райгом кæнын дунейæн адæймаджы æнкъарæнты рæсугъддзинад æмæ гармони равдисын, райгом кæнын дунейæн адæймаджы миддунейы æцæг æнусон темæ.
Слайд 5Тугъанты Махарбег,
Хохты Аслæнджери,
Дзанайты Азанбег,
Дзантиаты Юри,
Калманты Батыр.
Национ нывкæнынады
фыццаг минæвæртæ:
Слайд 10 Дзантиаты æфсымæртæ - скулпторæ
Слайд 15 Æнæхъæн дунейыл хъуыстгонд сты:
Хетæгкаты Хъазыбег, Бедойты Шалва,Джыккайты
Мурат,Челахсаты Магрез,Дзиуаты Батрадз,Саккаты Эльбрус, Абысалты Юри æмæ а. д.
Раргом кæнын
Абарут дзырдты нысаниуджытæ контексты мидаг:(сравнить значение слов в тексте).
Слайд 29Аккаг – 1) достойный; 2) соответствующий подходящей должности; 3) приличный;
4) заслуженный
(аккаг дзуапп раттын; аккаг ныхæстæ ссарын / Цы аккаг уыдис, уый
райста.)
Æбуалгъ – 1) необычайный; чрезвычайный; 2) кошмарный; чудовищный; 3) мерзкий;
противный (æбуалгъ митæ; æбуалгъ цаутæ / Фæстаг рæстæг дунейы цæуы бирæ æбуалгъ
цаутæ.)
Тырнындзинад – 1) стремление; порыв; 2) старание; 3) тенденция (ахуырмæ
тырнындзинад; сæрибармæ тырнындзинад / Гыццыл лæппу кæд уæззау уавæрты схъомыл ис,
уæддæр æм ахуырмæ уыдис стыр тырнындзинад.)
Слайд 30Уырнындзинад – вера; верование; уверенность (тыхджын уырнындзинад; адæмы
уырнындзинад / Адæмы уырнындзинад
хицауадмæ дзæвгар фæтыхджындæр ис.)
Хатдзæг (-тæ) – вывод (-ы); заключение (-ия) (раст хатдзæг; хи хатдзæгтæ скæнын /
Ахуырдзаутæ урочы кæрон скодтой раст хатдзæгтæ.)
Хæлддзаг (-æгтæ) – 1) разрушенный; 2) развалины, руины (хæлддзаг хæдзар;
хæлддзæгтæм кæсын / Рагон хæстон фидæртты хæлддзæгтæ абон дæр ма фенæн ис
хæхбæсты.)
Цæстмæхъусдзинад – лицемерие; лесть (цæстмæхъусдзинады ныхмæ дзурын / «Цæст-
мæхъус ныхас фыдбылыз хæссы…» (Х. Къ)
Слайд 312. Къæлæттæй равзарут, бæрæггонд дзырдтимæ дзырдбæстытæ чи аразы, æрмæст уыцы дзырдтæ
æмæ сæ
ныффыссут.
Хæлддзæгтæ – (знон, рагон, исын, дæлæмæ, бæрзонд, иртасын, фарсмæ, дзурын, цæрын);
тырнындзинад – (рухсмæ, бирæ, стыр, сабырдзинадмæ, адæмы, тар, уынын, аппарын кæнын);
хатдзæг – (скæнын, бын, гом кæнын, хи, раст, зылын, ахуыргонд, кусын, лæдзæг).
Слайд 32 аккаг
хатдзæг
хæлддзаг
æбуалгъ
тырнындзинад
уырнындзинад
цæстæмæхъусдзинад
– чи фехæлдис, ахæм;
– цы ’мбæлы, ахæм;
– чъизи, æвзæр; адæймаджы зæрдæмæ
чи нæ цæуы, ахæм;
– адæймаг истæмæ тынг куы
фæбæллы
æмæ йыл куы фæархайы;
– кæронбæттæн хъуыды;
– адæймагæн йæхи раз иу куы фæдзурынц,
æнæ йæхи – æндæр цыдæртæ;
– истæуыл кæнæ искæуыл тынг æууæндын
3. Ссарут дзырдтæн сæ нысаниуджытæ.
Слайд 334. Бакæсут текст, ссарут дзы антонимтæ. Дзуапп раттут фæрстытæн.
Дзантиаты мыггагæй рацыдис,
сфæлдыстадимæ баст чи у, ахæм бирæ номдзыд
адæймæгтæ: профессионалон скульптортæ Алыксандр æмæ йе ’фсымæр Давид, зындгонд ныв-
гæнæг Дзантиаты Юри, йæ кæстæр æфсымæр – хъуыстгонд æхсæнадон архайæг, аивадиртасæг, фыссаг Дзантиаты Анатоли.
Дзантиаты Юрийы нывтæм кæсгæйæ адæймаджы цæстыты разфевзæрынц дунеон нывгæнынады хæзнатæ: Матисс æмæ Сезанн,Модильяни æмæ Пикассойы куыстытæ,византийаг мозаикæ æмæ уырыссаг сыгъдæджыты нывтæ.
Слайд 34 Нывгæнæг йæ æрмадзæй сарæзта дунеон культурæйы
энциклопеди,
райста уыцы культурæйæ хъæздыгдæр ахорæнтæ. Юри уыдис, европæйаг
авангарды концепцитæм гæсгæ чи райдыдта ныв кæнын, уыцы нывгæн-
джытæй фыццаг. Йæ куыстытæ дисы æфтауынц сæ тыхджын экспресси,
фæлмæн эмоцитæ æмæ арф философон хъуыдытæй.
Нарты кадджытæ, кавказаг пейзаж, скифаг æмæ рагалайнаг мо-
тивтæ, Европæ æмæ Азийы мифологи, литературæ æмæ поэзийы фæлгонцтæ, æрдз æмæцæрæгойтæ, рагон архитектурæйы рæсугъддзинад æмæ нырыккон урбанистон æхсæнадыуагæвæрд – ацы темæтыл аивады æвзагæй дзырдта Дзантиаты Юри.
Уыцы иу нывы («Мæрдты бæстæйы») Юри сæмбырд кодта æнæхъæн эпосы мотивтæ:хъæлдзæг æмæ æнкъард, зæрдæхалæн æмæ зæрдæмæхъаргæ. Композицийы астæу дидинæджыхуызы нывгонд у урс-урсид айк. Айчы хуылфы бады «хæрзиунæг» («одинокий»), растцыма æбуалгъ дунейæ йæхи бамбæхста, уыйау. Ацы символ арæх æмбæлы нывгæнæджы сфæлдыстады.
Философон хъуыдытæ дунейы арæзты фæдыл, абстрактон фантази æмæ поэтиконсимволикæ уынæм Дзантиаты Юрийы зындгонддæр нывтæй иуы – «Сæрибар цъиуы атахт».Нывы ирдæй зыны цагъайраг цардæй сæрибардзинадмæ тырнындзинады темæ. Нывгæнæгдзуры тыхми, æбар цард, ома «къалатиты» («клетки») ныхмæ.
И слепой царь поведет слепой народ
Слайд 36Цавæр темæтыл фыста нывгæнæг?
Цавæр символ æмбæлы арæх Дзантиаты Юрийы нывты? Цы
нысан кæны?
Цæуыл дзурæг у «цъиуты къалатиты» темæ нывгæнæджы сфæлдыстады?
Бабæттут урокмæ лæвæрд цитатæ тексты мидисимæ.
Слайд 375. Текстæй пайдагæнгæйæ, баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ хъæугæ дзырдтæй.
1. Нывгæнæг сарæзта йæ
… дунеон культурæйы энциклопеди. 2. Йæ куыстытæ … … сæ тыхджын экспреcси, фæлмæн эмоцитæй, … философон хъуыдытæй. 3. Композицийы астæу нывгонд у урс-урсид … . 4. Йæ хуылфы бады … . 5. «Сæрибар цъиуы атахт»-ы нывгæнæг дзуры къуындæг цард, ома … ныхмæ. 6. Дзантиаты Юри ныв кодта европæйаг … … гæсгæ.
Слайд 38Сахуыр кæнут ног дзырдтæ.
Баххæст кæнут 5-æм фæлтæрæн.
IV. Хатдзæгтæ скæнын.
1. Цы
базыдтат абон ногæй?
Бакæсын зындгонд скæсæйнаг философы ныхæстæ:
«Фæндаг куы нæ зонай,уæд разæй макуы цу.»
Ратæлмац кæнын.
( )
2. Раст уæм кæсынц ацы ныхæстæ, цæмæн?
Композиторæн йæ зæрдæйы сæвзæрынц музыкæйы зæлтæ, фыссæгæн - алыхуызон сюжеттæ, нывгæнæгæн та йæ алыхуызон æнкъарæнтæй райгуырынц зæрдæагайгæ (проникновенные, чудесные) нывтæ.
Алы нывгæнæг дæр йæ нывæй исты зæгъынмæ фæхъавы.
Йæ зæрдæйы цы æнкъарæнтæ сæвзæры, уыдон йæ нывы æвдыст æрцæуынц.
3. Зæгъут-ма, кæмæй æмæ цæмæй хъæздыг у нæ культурæ?
(Нæ бирæ курдиатджын фысджытæй, композитортæй, нывгæнджытæй æмæ сæ диссаджы сфæлдыстадæй).