Презентация, доклад на тему : Гаглойты Рутены цард ама сфалдыстад 8 кълас

Ирон адæмæн йæ хъæбултæй стырдæр лæггад чи бакодта, уыдонæй иу уыд Гаглойты Рутен – инженер, фыссæг æмæ æхсæнадон кусæг. Уый уыд намысджын адæймаг, адæмы хæрзгæнæг, разагъды лæг.

Слайд 1ГАГЛОЙТЫ РУТЕН

1888 - 1937

ГАГЛОЙТЫ РУТЕН1888 - 1937

Слайд 2Ирон адæмæн йæ хъæбултæй стырдæр лæггад чи бакодта, уыдонæй иу уыд

Гаглойты Рутен – инженер, фыссæг æмæ æхсæнадон кусæг. Уый уыд намысджын адæймаг, адæмы хæрзгæнæг, разагъды лæг.
Ирон адæмæн йæ хъæбултæй стырдæр лæггад чи бакодта, уыдонæй иу уыд Гаглойты Рутен – инженер, фыссæг æмæ

Слайд 3Рутен райгуырд 1888 азы Хуссар Ирыстоны. Хъæууон лæппу уæлыгæс цыди Уанелы

рæгътыл. Фæстæдæр фыста: «Уыцы заманы мæ зæрдæмæ арф ныххызт нæ рæсугъд æрдз, æз бауарзтон нæ сæрвæттæ, нæ хæхтæ, нæ кæмттæ».
Рутен райгуырд 1888 азы Хуссар Ирыстоны. Хъæууон лæппу уæлыгæс цыди Уанелы рæгътыл. Фæстæдæр фыста: «Уыцы заманы мæ

Слайд 4Рутен ахуырмæ разынд рæвдз æмæ зæрдæргъæвд. Хъæууон скъолайы фæстæ, 1902 –

1906 азты, ахуыр кодта Калачы гимназы. Уæд ахуыргæнæггаг хъуыдис фидын æхца. Рутен йæ хорз ахуыры тыххæй уæгъд æрцыд уыцы фиддонæй. Гимназ каст фæци æнтыстджынæй, радтой йын майдан, нысангонд ын æрцыди стипенди дарддæр ахуыр кæныны тыххæй.
Рутен ахуырмæ разынд рæвдз æмæ зæрдæргъæвд. Хъæууон скъолайы фæстæ, 1902 – 1906 азты, ахуыр кодта Калачы гимназы.

Слайд 5Бацыди Мæскуыйы Уæлдæр Техникон ахуыргæнæндонмæ (МВТУ) - мæ. Йæ автобиографийы фыста:

«Райстон инженер – механикы ном æмæ цингæнгæ рацыдтæн хъæмæ… Уыди мын службæйы ныллæуыны бар стыр горæтты. Фæлæ мæ уырдæм мæ къах нæ хаста, æз нæ бæллыдтæн мæхи цард саразынмæ, мæн фæндыд кусын æмæ исты ахъаз фæуын мæ райгуырæн бæстæйæн».
Бацыди Мæскуыйы Уæлдæр Техникон ахуыргæнæндонмæ (МВТУ) - мæ. Йæ автобиографийы фыста: «Райстон инженер – механикы ном æмæ

Слайд 6Хуссар Ирыстоны адæмæн зындон уыдис Чъехы нарæг – нæ дзы уыд

ацæуæн. Рутен айгæрста уыцы нарæг æмæ хохæгтæн фæндаг байгом ис быдырмæ. Ирон адæмы æнусон бæллиц уыд Хуссар æмæ Цæгаты астæу æфцæгыл фæндаг саразын. Рутен бавнæлдта уыцы фндаг аразынмæ.
Хуссар Ирыстоны адæмæн зындон уыдис Чъехы нарæг – нæ дзы уыд ацæуæн. Рутен айгæрста уыцы нарæг æмæ

Слайд 71914 азы Рутены акодтой хæстмæ. Й райгуырæн бæстæмæ æрыздхт 1917 азы.

Уæд та райдыдта революци æмæ мидхæст. Рутен гимназистæй архайдта адæмы змæлды, ахæстоны дæр бадт. 1917 – 1920 азты уыдис æхсæнадон царды активон архайæг, йæ нысан уыд Хуссар Ирыстоны гуырдзыйы дæлбарй суæгъд кæнын, Ирыстоны дыууæ хайы баиу кæнын. Гуырдзыйы хицауад Цхинвалы, Дзауы æрвæрдта æфсад - стæлфын нæ уагътой ирон адæмы. Рутен ахст æрцыд, фæлæ йын бантыст ралидзын. 1920 азы гуырдзы июны зынг бафтыдтой Хуссар Ирыстоныл.
Рутен рацыд Цæгат Ирыстонмæ. Ам ыл адæмы знæгтæ «хахуыр æвзаг бахастой», цыма урсытимæ баст у, афтæ. Æрцахстой та намысджын патриоты, рахастой йын тæрхон: «Гаглойы-фырт æрвыст æрцæуæд Уæрæсемæ, цалынмæ Кавказы мидхæст фæуа, уæдмæ». 1921 азы январы Рутен ралыгъд Псковы лагерæй, бафтыд Эстонимæ, уырдыгæй – Ныгуылæн Европæмæ.
1914 азы Рутены акодтой хæстмæ. Й райгуырæн бæстæмæ æрыздхт 1917 азы. Уæд та райдыдта революци æмæ мидхæст.

Слайд 8Ирон адæмæй рох нæ уыдысты Рутены хæрзтæ, дзырдтой йæ сæрыл, æвдыстой

йын йæ рæстдзинад,æмæ растгонд æрцыд 1921 азы апрелы. Фæлæ уæд уый удхарæй марди фæсарæнты. Уæддæр адæм дзырдтой: «Цæмæн бабын нæ намысджын кусæг, нæхи Рутен? Æркæнут æй фæстæмæ нæхимæ!» Æмæ 1928 азы æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Ногæй та бавнæлдта фæндæгтæ аразынмæ, сарæзта проект «Зæрæмæг – Уанелы» сосæвæндагæн. Уыцы фæндаг уыдаид дыууæ Иры иугæнæг. Ахæм хъуыддаг фæндон нæ уыд гуырдзыйы националисттæн, æмæ 1937 азы сæ амæттаг баци æнæнцой инженер, зынгзæрдæ патриот.
Ирон адæмæй рох нæ уыдысты Рутены хæрзтæ, дзырдтой йæ сæрыл, æвдыстой йын йæ рæстдзинад,æмæ растгонд æрцыд 1921

Слайд 9Рутен уыд йæ адæмæн цырагъдар æмæ фæндаггæнæг. Фæсарæнты дæр йæ зæрдæйы

хаста Ирыстоны фæлгонц. Æмдзæвгæ «Европæ»-йы æвдисы ныгуылæйнаг бæстæты техникæ æмæ культурæйы диссæгтæ, фæлæ сæрыстырæй зæгъы:
Уæ Берлинтæ, уæ Лондон
Нæ биавин æз Нарыл:
Уым Хетæгæн рæмонбон
Къоста райгуырд сæнарыл…
Гаглойы – фырт уыдис курдиатджын публицист. Йæ уацты æвдыста Уæрæсейы цард æмæ политикон уавæр, адæмы æфхæрдтæ. 1907 азы фыста: «Уæрæсейы бындур сты кусæг адæм… Мæгуыр адæмы фæллой хæрынц æмæ сдæрынц хицæуттæ æмæ бонджынтæ, уæлæмæ скæсын сæ нæ уадзынц. Цалынмæ уыдонæй нæ фервæзой адæм, уæдмæ стонгæй дæр мæлдзысты, къæдзæй дæр цæудзысты æмæ рухс дæр нæ фендзысты»

Рутен уыд йæ адæмæн цырагъдар æмæ фæндаггæнæг. Фæсарæнты дæр йæ зæрдæйы хаста Ирыстоны фæлгонц. Æмдзæвгæ «Европæ»-йы æвдисы

Слайд 10Ныффыста цалдæр радзырды,студент куы уыд, уæд. Уыдоны зыны курдиат. Фыссæг худы

давджытыл («Теман голладжы нæ сусæг кæны»), загъдкъахджытыл («Хъаст»), дзырдхæсджытыл («Хъæндил дæр сызмæлыд», моралон тæрхон хæссы, йæ адæм кæмæй ферох сты æмæ сын хицæутты ардыдæй æфхæрæн митæ чи кæны, уыцы афицертæн («Дыууæ фæндаджы»).
Радзырд «Цард» –ы æвдыст цæуы иуæрдыгæй хъæздгуыты æнæмæт цард, иннæрдыгæй сидзæр чызджы удхайраг цард. Уазал зымæгон изæр чызг куры æххуыс, «фæлæ æлдæрттæ йæ фæрсты сæ хæдзæрттæм тындзыдтой. Сонтмæ кæсгæ дæр ничи фæкодта… Саби йæ къух дардта цæуджытæм… Мит зулмæ æмбæлд йæ цæсгомыл». Фыссæгæн æнцой нæ лæвæрдта ахæм «зæрдæхалæн ныв».
Рутен зæрдæбынæй уарзта йæ адæмы. Йæ иу радзырды куырыхон лæг фæдзæхсы: «Хъæуы цæрджытæ, бинонтау, æфсымæртæ сты. Кæрæдзийæн куы нæ барæм, цæрын куы нæ зонæм æнгомæй, уæд нæ халон йæ ахстонмæ фæхæсдзæн». Уыцы ныхæстæ хауынц канд иу хъæумæ нæ, фæлæ æппæт Ирыстонмæ дæр.
Ныффыста цалдæр радзырды,студент куы уыд, уæд. Уыдоны зыны курдиат. Фыссæг худы давджытыл («Теман голладжы нæ сусæг кæны»),

Что такое shareslide.ru?

Это сайт презентаций, где можно хранить и обмениваться своими презентациями, докладами, проектами, шаблонами в формате PowerPoint с другими пользователями. Мы помогаем школьникам, студентам, учителям, преподавателям хранить и обмениваться учебными материалами.


Для правообладателей

Яндекс.Метрика

Обратная связь

Email: Нажмите что бы посмотреть