Слайд 1
Гуæцæлты Беллæ,
11«Б» кълас , ахуыргǽнǽг Томайты Рита
Мамысон:
культурæйы фæлгонцæй
Ирыстоны экономикæйы рæзты
фæрæзмæ
Слайд 2Дунейы, куыд зонæм, афтæмæй, йæ тынджы бацыди экономикон кризис.
Алы паддзахад
дæр архайы исты мадзал ссарынмæ цард фæхуыздæр кæнынæн.
Слайд 3
Ныртæккæ Сочийы олимпиадæ барæвдз кæнынæн тынг бирæ хардзгонд цæуы. Айдагъ æхца
нæ, фæлæ адæмы фыдæбон дæр.
Слайд 4
Уымæн, æмæ йæ зонæм, куы срæвдз уа, уæд стыр пайда хæсдзæн.
Слайд 53
Ныртæккæ Уæрæсейы алы субъект дæр архайы истæмæй хорзырдæм фескуыхыныл æмæ уымæй
йæ экономикон уавæр фæхуыздæр кæныныл.
Экономикæйы æвзагыл куы дзурæм, уыд уый хуыйны брендинг.
Исты адæмы этнографион, историон кæнæ культурон ф æлгонцæй экономикон пайда куы скæнынц, уæд уый та у этнобрендинг. Цы фæлгонцæй спайда кæнынц, уый та у этнобренд.
Слайд 6Зæгъæм, Ирыстоны этнобрендтæ сты ахæм:
- хæринæгтæ – ирон чъиритæ, Ирыстоны
водкæ;
- истори æмæ культурæ – алантæ, нарты кадджытæ, Гергиты Валерий æ.а.д.;
- спорт – ирон футбол (Гæззаты Валерий, Дзæгъойты Алан), хъæбысхæст.
Слайд 9Хъыгагæн, фæстаг рæстæг Ирыстон æрмæст хорздзинæдтæй нæ айхъуыст, фæлæ ма трагикон
цаутæ æмæ теракттæй дæр.
Беслæныхъæу дæр у Ирыстоны
фæлгонцараз æг, æрмæст æй æз схуыдтаин антибренд.
Слайд 10Мæнмæ гæсгæ, архайын хъæуы Ирыстоны фæлгонц цæмæй æвæрццагдæр кæна дунейы мидæг
дæр, Уæрæсейы дæр, уый тыххæй ног проекттæ аразын, æмæ нæм уæвгæ дæр сты.
Слайд 12
Мамысоны комы туристтæн æмæ спортсментæн цы уавæртæ ис, уыдон рагæй базыдтой.
Суанг
ма нудæсæм æнусы æмбисæй зындгонд уыдис, цы ахъаззаг у Фæскавказмæ цæуынæн æмæ æндæр адæмтимæ бастдзинæдтæ парахат кæнынæн, Мамысоны æфцæгыл цы фæндаг цæуы, уый.
Слайд 136
Афтæ 1884 азы венгриаг альпинист Мориц Деши ацыд йæ фыццаг балцы
Кавказы хæхтæм.
Бирæ рæсугъд бынæттæ федта, фæлæ фæстагмæ схызт Мамысоны хохмæ, æмæ уый йæ зæрдæмæ куыд фæцыд, афтæ иу дæр нæ.
Слайд 15Афæдзы фæстæ Деши йæ размæ альпинистон хæстæ нал æвæрдта, фæлæ сыздæхт
Мамысонмæ зонадон нысанимæ – бафæндыд æй сбæрæг кæнын ацы хæхты зайæгойтæ.
Уымæ гæсгæ æмбалæн йæхицæн равзæрста зындгонд профессор-ботаник Хуго Лойкæйы.
Слайд 17Хъырымы æмбырд кодтой гербарий, байгом кодтой цалдæр ног зайæгойы.
Слайд 21Уæдмæ Деши хорз сахуыр кодта уырыссаг æвзаг, æмæ сæ тæлмацгæнæг дæр
нал хъуыдис.
Слайд 22Уырдыгæй ацыдысты Дзæуджыхъæумæ, стæй та – Цъæймæ.
Дешийы арæзт картæ
Слайд 23Ам дæр та ссардтой цалдæр уникалон экземпляры сæ гербариймæ æмæ ацыдысты
дарддæр.
Слайд 24Ахызтысты Мамысоны æфцæгыл æмæ ссыдысты цавæрдæр бæрзонд хохмæ.
Сæ цæстыты раз уыд
диссаджы ныв: композицийы астæу лæууыд алæмæты рæсугъд Адай-хох, Дечи уайтагъд дæр ауыдта, цы зын хизæн йæм уыдзæн, уый.
Слайд 27Йæ зæрдыл æрлæууыдысты Альпæты бæрзæндтæ: Юнгфрау, Эйгер, Эгюий Вер. Фæлæ Чанчахийы
хуызæн сæ иу дæр нæ уыд.
Дечи йын йæ къам систа æмæ фæстæмæ палаткæмæ æрхызт.
Слайд 28Профессоры баййæфта тынг рынчынæй, æмæ йæ сфæнд кодта Дзæуджыхъæумæ аласын, дохтыртæм.
Слайд 29Фæстæмæ цæугæйæ та йæ алыварс цы рæсугъд æрдзы нывтæ уыдта, уыдон
йын йæ зæрдыл æрлæууын кодтой Альпæтæ.
Слайд 30Йæхинымæр ахъуыды кодта, зæгъгæ, искуы Ушба æмæ Дыхтаумæ дæр скæндзысты канатвæндаг,
æмæ ардæм дæр адæм къахдзоныгътæй бырынмæ алы бæстæтæй цæудзысты.
Слайд 31Уæлдай тынгдæр Мамысоны ахадындзинад рабæрæг хæсты агъоммæ. 1940 азы цалдæр туристы
рахызтысты Мамысоны æфцæгыл, æмæ сæ блокнотты фæбæрæг кодтой, Мамысоны цæгатаг æмæ хуссайраг фæзтæ къахдзоныгътыл цæуынæн тынг хорз кæй сты, уый.
Слайд 32Æмæ сæ хъуыдытæ раст уыдысты, уымæн æмæ 1942-1943 азты ацы æфцæгыл
æххæстгонд цыдис æфсæддон бастдзинад.
Слайд 33Хæсты фæстæ Мамысоны куыста æппæтцæдисон туристон маршрут.
70-æм азты зынгæ ахуыргонд-географ М.Залихановы
амындмæ гæсгæ ацы бынæттæ иртæстгонд цыдысты сæ туристон уавæрты пайдайырдыгæй.
Слайд 34Къахдзоныгъты спорты хицау В.Захарченко æмæ М.Залиханов стахтысты хохмæ французаг спонсортимæ.
Слайд 35Уыцы рæстæджы Мамысоны къæдзæхтæ сæ тæккæ дзаг уыдысты туристтæй.
Слайд 36Французæгтæ цæттæ уыдысты ацыран хъæугæ социалон инфраструктурæ æмæ спортивон базæ саразыныл.
Слайд 37Фæлæ уæд уыцы проект нæ сырæзт, æмæ Мамысоны кой кæнын райдыдтой
æрмæст XXI æнусы райдиан.
Ныр дæр та французаг специалисттæ æрцыдысты, лæмбынæг æркастысты ацы къæдзæхты миниуджытæм, сбæрæг кодтой, Мамысоны аразæн кæй ис цалдæр хуызы спортивон ерыстæ. Уæрæсейы ахæм уавæртæ никуы ис.
Слайд 38Мамысон ма уымæй хорз у, æмæ дзы ис зымæгон спорты алы
хуызтæй дæр архайæн, уыдонимæ экстремалон спорт дæр.
Слайд 39Спортæй уæлдай ма нæ хæхты ис бирæ историон-культурон цыртдзæвæнтæ, æмæ уыдон
дæр тынг цымыдисаг уыдзысты уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг туристтæ æмæ спортсментæн.
Слайд 43Ис нын хъæздыг культурон традицитæ.
Слайд 44Куы цæ парахат кæнæм, уæд Ирыстоны фæлгонц дæр фæхуыздæр уыдзæн. Уымæн
та хъæуы алыхуызон презентацитæ аразын, Мамысоны тыххæй куыд дзурынц, алыхуызон экономикон форумты йæ куыд æвдисынц, афтæ.
Æрмæст уæд ис дзурæн инвестицитыл, ома, Ирыстоны экономикæйыл æхцайы хæрдзтæ куыд кæной, ууыл.
Слайд 45Кæд, миййаг, Мамысон фæрæстмæ уа, уæд нæм фæзындзæн ног куысты бынæттæ,
нæ экономикæ фæхуыздæр уыдзæн.
Уæд нæ республикæ искæй хардзæй нал цæрдзæн, фæлæ суыдзæн хъæздыг.