Слайд 1« Хæрамы фæндаг бирæ нæ хæссы».
Дзынгайы удыхъæд.
Мамсыраты Дæбейы радзырд «Цыт»-мæ
гæсгæ
Слайд 2 Дæбе райгуырд Быдыры Дæргъæвсы, 1907 азы 9
августы.
Слайд 31919 азы йæ 10-аздзыдæй радтой Æрыдоны семинары пансионатмæ, фæстæдæр та ахуыр
кодта Дзæуджыхъæуы педтехникумы. Ам куыста зындгонд ахуыргæнæг Гуыриаты Гагуыдз, уый разамынд лæвæрдта литературон къордæн, цырын кодта сфæлдыстадон тыхтæ. Ам фæцалх ис фыссыныл Дæбе.
Слайд 4ТЕМÆ: «Хæрамы фæндаг бирæ нæ хæссы». Дзынгайы удыхъæд.
Мамсыраты Дæбейы радзырд «Цыт» -мæ гæсгæ.
НЫСАН:Дæбейы цард æмæ сфæлдыстад цыбыртæй зæрдыл æрлæууын
кæнын; æрдзурын радзырды мидисыл, æппæрццæг æмæ æвæрццæг
хъайтарты удыхъæды хицæндзинæдтыл, колхозты арæзтадыл
Ирыстоны.
ХЪОМЫЛАДОН ХÆС: Ахуырдзаутæм рæзын кæнын тырнындзинад
адæймаджы хуыздæр миниуджытæй хайджын уæвынмæ æмæ
æнæуынондзинад искæй хъаруйæ чи цæры, ахæмтæм.
ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ: литературæйы чиныг, презентацитæ, проект,
ирон æмбисæндтæ, индивидуалон хæслæвæрдтæ, фоторобот, историон
справкæ, Нарты кадджытæ, нывтæ, «Сахы æмбисонд»(Джыккайты Ш.)
ДЗЫРДУАТ: Цыт
Слайд 51930 азы Дæбейы арвыстой Заманхъулмæ скъолайы сæргълæууæгæй. Уыцы – иу рæстæг
фæсаууонмæ ахуыр кодта Ростовы пединституты литературон факультеты. 1933 азы Дæбе бацыд Ленинграды истори, философи æмæ литературæйы Институтмæ. Йæ царды уавæртæм гæсгæ йæ æртæ курсы фæстæ ныууагъта.
Слайд 6
Куыста «Рæстдзинад»-ы литературæ æмæ аивады
хайады сæргълæууæгæй,журнал «Пионер» æмæ газет «Æрыгон большевик»-ы редактортæй. 1939 азы Дæбе бацыд Коммунистон партийы рæнхъытæм. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уыд базарады министры хæдивæг. Уый фæстæ фæкуыста Аивады хъуыддæгты управленийы сæргълæууæгæй æмæ Цæгат Ирыстоны АССР –йы Фысджыты цæдисы сæрдарæй. Йæ литературон æмæ æхсæнадон куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Ленины, Фæллойады Сырх Тырысайы ордентæ, майдантæ æмæ грамотæтæ.
Дæбе амард 1966 азы 21 августы.
Слайд 8 Дæбе ирон фысджыты къордимæ
Слайд 9 Дæбейы номыл библиотекæ Дзæуджыхъæуы.
Слайд 10 Бирæкъабазджын у Дæбейы сфæлдыстад.
Дæбейы уацмыстæ бæрæг бынат
ахсынц ирон литературæйы хæзнадоны.
Йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд – «Фыццаг къахдзæфтæ» мыхуыры рацыд 1931 азы, дыккаг – «Царды къæпхæнтыл» – 1937 азы.
Уый фæстæ иу иннæйы фæдыл цæуын райдыдтой йæ чингуытæ, романтæ «Уæззау операци» æмæ «Æхсарбег», радзырдтæ сывæллæттæн «Джанаспи», пьесæ «Хъæбатыр лæппу», æмдзæвгæтæ, поэмæтæ.
Слайд 11
Дæбейы сфæлдыстады сæйраг бынат ахсы роман
«Хъæбатырты кадæг»
Æвдыст дзы цæуы Октябры уæлахиздзауты, адæмон иузæрдион хъæбулты фæлгонцтæ, æргом кæны историон цауты мидис, нывæфтыд сурæтты фæлынды рæстæджы фæзилæнтæ. Рæсугъд æмæ хъæздыг сты йе ’нкъарæнтæ, рæстдзæвин у йæ ныхас, аивады фæрæзтæй пайда кæны фæлтæрдджын къухтæй.
Слайд 12 Фыссæг вæййы адæмæн лæггадгæнæг. Æмæ йæ рæстæджы
Дæбе уыд зынгæ æхсæнадон архайæг, куыста бæрнон бынæтты, цалдæр хатты æвзæрст æрцыд нæ республикæйы Сæйраг Советы æмæ горæты Советы депутатæй.
Фыссæгæн йе стырдæр хæс у царды æнæгæды рæстдзинад æвдисын. Æмæ Дæбе дæр архайдта гæнæн æмæ амалæй рæстдзинад зæгъыныл.
Ирон аив литературæйы Дæбейы ном у рухс æмæ цæринаг.
Слайд 13Мæ мад Гæба(Госæгъуыз) – иу афтæ дзырдта:
Аст сывæллонæй мын амæй æнцондæрдарæн
ничи уыдис. Дунемæ куыддæр фæзынд, афтæ иунæг хъыллист фæкодта æмæ ныхъхъус. Уæдæй фæстæмæ кæугæ дæр никуы скодта… æвæццæгæн, мæгуыр бамбæрста, цы дунемæ рацыд, уый йæ рæвдауæг кæй нæу, уый.
Цæугæ та хорз дунемæ нæ ракодтон – мæгуыр æмæ гæвзыкк уыдис. Фыд амард. Ныууагъта авд сидзæры мадæн. Æз- æстæймаг сидзæр та ма гуыбыны уыдтæн, дунемæ сидзæрæй рацыдтæн. Мадмæ æхсыр нæ уыд, хаста –иу мæ сывæллонджын устытæм радгай…
Рацыдис мыл 7-8 азы.Хæдзары куыстытæн фæбæззыдтæн: хызтон фос, хастон дард мусæй хъæмпы æргъæмттæ æмæ æндæр лыстæг куыстытæ кодтон. Сæрибар рæстæг та? Хъæды, быдырты зылдтæн… Æдзæрæг тæрсхъæд. Голладжы дзаг дæр дзы тон.
Фæлæ йæ хъæддаг дыргътæ, йæ хæринаг кæрдæджытæ æнæхъæн хъæды къохтæ уыдысты уыдон… Уалдзæг – давон,гæнгæлы,кæрог,лæджирттæг, дзындзалæг æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад. Сабитæ æдзух æфсæст – æрдзы лæвæрттæй.Зæрдæ хъæлдзæг,цæуы зарын…
Мамсыраты Дæбе
Мысинæгтæ
Слайд 14
Фыдыбæстæйы Стыр хæст кæронмæ фæцæйхæццæ кодта.
Раст уыцы рæстæг, мартъийы фæстаг бонтæй иуы, уæззау цæфтæй сыздæхтæн Ирыстонмæ. Æфсæнвæндаджы вагзалæй лæдзæджы æнцæйтты æрбацыдтæн проспектмæ æмæ бандоныл мæхи æруагътон. Даргъ фæндагыл рахау – бахауæй фегом сты мæ зæнгты цæфтæ æмæ сæ туг фемæхст. Бавнæлдтон сæм цыдæр хæррæгътæй бæттынмæ.
Лæппу, кæд дæ, мыййаг, исты æххуысы сæр хъæуы? – мæ хъустыл ауад кæйдæр хъæлæс…
Хæстæг æмæ зонгæ хъæлæс. Скастæн æмæ уынын, мæ уæлхъус лæууы Дæбе. Сыстынмæ йын хъавыдтæн, фæлæ мæ бон нæ баци.
Бадгæ кæн, - йæ къух мын ме уæхскыл æрæвæрдта, стæй мæ фарсмæ æрбадт æмæ мын мæ цæстытæм кæсыныл фæцис.
Æз æм мæ мидбылты бахудтæн:
Дæбе, дæ бон хорз!
Уый исдугмæ фæуыргъуыйау. Æрæджиау мæм цыдæр фæлмæн æмæ тæригъæддаджы хъæлæсæй мæ номæй сдзырдта:
Мæнæ диссæгтæ!.. Уæ дæ тæригъæд сæ фæдыл æфтыд фæуа, афтæ дæ чи ныггæлиртæ кодта!..
Чысыл фæстæдæр мах бадтыстæм Советты уынджы Дæбейы фатеры. Йæ бинойнаг Буцыримæ мæ барæвдыдтой сæхи хъæбулы хуызæн…
Цырыхаты Михал
Слайд 15
… Дæбе фыста бирæ. Йæ литературон куыст райдыдта æмдзæвгæтæй. Йæ фыццаг
чиныг дæр уыдис æмдзæвгæты æмбырдгонд – «Фыццаг къахдзæфтæ».
Æвæццæгæн, йе сфæлдыстады бæрзонддæр рындз у йæ роман «Хъæбатырты кадæг».
Дæбе уыдис æмбалджын. Хæлардæрæй кæимæ цардис, æз дæр мæхи уыдонæй иуыл нымайын. Æмæ мæ ныр исчи куы бафæрсид, мæ уарзон фыссæг æмæ мæ иузæрдион æмбал Мамсыраты Дæбейы лæгдзинад æмæ зæрдæйы уаг цавæр уыдысты, зæгъгæ, уæд ын хæрз цыбырæй зæгъин:
Дæбе уыдис æцæг адæймаг,уæздан, æгъдауджын, рæсугъд æмæ фæлмæн зæрдæйы хицау. Кæддæриддæр – иу ын æхсызгон уыд искæй хорздзинад, йæ зындзинæдтыл та йын алкæддæр кодта хъыг. Йæ фарсмæ – иу æрлæууыд, йæ сæр – иу æй куы бахъуыд, уæд.
Дарчиты Дауыт
Слайд 16 « Мамсыраты Хабийы фырт Дæбе у ирон советон фысджытæн
сæ тæккæ зынгæдæртæй иу».
Ардасенты Х.
Слайд 17 « Бирæ сты, тынг бирæ Дæбейы сфæлдыстадон бынтæ.
Дардмæ æххæссыд йæ курдиаты тæваг, арф æнкъардта адæймаджы зæрдæйы сусæг æвæрæнтæ, тынг дæсныйæ сæ ныв кодта»
Цæгæраты Максим
Слайд 18 «Дæбе йе сфæлдыстады канд нæ райдзаст социалистон дуджы цардæй
дзаг нывтæ нæ фæлгонц кæны, фæлæ тынг дæсны æвдисы рагон царды уаг дæр»
Хъазыбегты Хъазыбег
Слайд 19 «… Дæбе стыр фыссæг, стыр адæймаг. Ирон адæмы рæсугъд цæсгом
æмæ æфсарм»
Цæрукъаты Алыксандр.
Дæбе йæ радзырд «Цыт»-ы равдыста æвзæр, æнаккаг, æдзæстуарзон, æдзыт, æнæфсис, æфхæрæг, æлхыскъгæнæг, æгад, æдзæсгом, фæлæ уыимæ æрхъуыдыджын адæймаг Дзынгайы.
Цардивæнтæ(коллективизаци) æвдыст цæуынц ацы радзырды. Йæ сæйраг темæ у, социалон уавæртимæ кусæг лæг æмæ йæ куыстмæ æхсæнады ахаст куыд ивы, уый. Федтам æй Цолайы цардыл.
Дæбе нын равдыста Дзынга æмæ Цолайы цард. Кæд сæ царды уавæртæ цæхгæр алыхуызон сты, уæддæр сты æмбаст. Æхсæнады цæуы тох цардыуаг аивыны тыххæй. Уымæн æмæ галуаны цæрæг цъиры къæсы цæрæджы хъару.
Слайд 21
ЦЫТ – честь, почёт, уважение; слава;
Стыр цыт высокая честь;
Цыт кæнын - оказывать честь; уважать;
Хистæртæн цыт кæнын - уважать, почитать старших.
Цытджын -пользующийся уважением, почётом; знаменитый;
славный; великий.
Цытуарзаг- честолюбивый.
«ЦЫТ»
Слайд 24
-Цавæр удыхъæды хицау у Дзынга?
-Йе ’ддаг бакаст ын куыд сныв
кæниккат?
-Цолайæн та?
Бафæлварæм Дзынгайы фоторобот скæнын.
Слайд 25 НЫВТÆМ ГÆСГÆ ФÆРСТЫТÆ:
ФЫДЗÆРДÆ АДÆЙМАГ
ÆНÆМÆНГ ФЫДУЫНД ВÆЙЙЫ?
ХÆЛАРЗÆРДÆ ТА – РÆСУГЪД?
ЦЫ КÆНЫ АДÆЙМАДЖЫ РÆСУГЪД?
КÆМ ИРДДÆРÆЙ РАЗЫНД ДЗЫНГА?( Къухæй нывы æви техникон фæрæзы фæрцы?)
Слайд 26КЪОРДТЫ КУЫСТ.
1, 2 КЪОРД: Лæвæрд дзырдтæй саразын
æмбисæндтæ, сæ мидис сын райхалын.
3 КЪОРД: Лæвæрд адæймаджы миниуджытæ фæхицæн кæнын 2 къордыл: Дзынга æмæ Цолайы æвдисæг.
Слайд 27
СИНКВЕЙН:
1 Дзынга
2 миногоны
3
мивдисæджы
4 æмбисонд
5 синоним
Слайд 28РЕФЛЕКСИ:
Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ___________________________
____________________________________________________________
____________________________________________________________
Æз урочы сахуыр дæн__________________________________________
____________________________________________________________
____________________________________________________________
Урокæй мæхицæн райстон______________________________________
____________________________________________________________
____________________________________________________________
Слайд 29ХÆДЗАРМÆ КУЫСТ :
сфæлхат кæнын тексты аивгæнæн мадзæлттæ, тестмæ бацæттæ кæнын.