Презентация, доклад по осетинской литературе

Нары хъæу

Слайд 1
Нæ дзыллæйы зæрдæ - Хетæгкаты Къоста.

1859 -1906 г.г.
1859

азы нæ диссаг райгуырæн Ирыстоны хохбæсты астæу, зæронд Нары хъæуы номджын æхсæны лæгæн Хетæгкаты Леуанæн райгуырди лæппу. Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой ном — Къоста. Дыууæаздзыдæй йæ мад — уыди Гуыбатæй — амарди. Сæ хæстæг ус Хетæгкаты Чендзе райста сидзæры хæссынмæ... Сызгъæрин зæрдæ уыди уыцы усæн... Ирон мады ад ын фенын кодта.
Йæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр!..—зæгъы йæхæдæг Къоста («Чи дæ?»).
Леуан æрхаста дыккаг ус, уымæй йын райгуырди чызг Олга.
Фондзаздзыдæй Къостайы йæ хæдзармæ æрбакодтой; ирон хæдзары — «цу-ма, цу-ма» — куыстытыл æй сифтыгътой... фылдæр уæлыгæс цыди.
Иттæг рæсугъд сæ мысы уыцы бонты цард йæ диссаг зарджыты «Хъуыбады», «Чи дæ?», «Сидзæргæс», «Æнæ фыййау» æмæ æндæрты. Иу хъуыддаг у хъуыдыйаг — саби уæлыгæсæй сси раздзог хорз фыййау, йæ фарны хъæрæй мæгуыр ирон адæмы чи ракодта рухс фæндагмæ.
Нæ дзыллæйы зæрдæ - Хетæгкаты Къоста.1859 -1906 г.г.   1859 азы нæ диссаг райгуырæн Ирыстоны хохбæсты

Слайд 2
Нары хъæу

Нары хъæу

Слайд 3
АХУЫРАДЫ

АЗТÆ
1866 азы Къостайы радтой Нары скъоламæ. Ахуыргæнæг уыди йæ мадыфсымæр Гуыбаты Иоане.
Леуан паддзахы куысты уыди,— Иры хохы милицæйы хицау — афицер,— фылдæр царди Дзæуджыхъæуы. 1868 азы Къостайы радта уымы реал скъоламæ.
Уыцы азы Псызы, Кубаны фурды былыл, æрцæрын кодта хох ирæй стыр хъæуы Лабæ — Георгиевское-Осетинское. Йæхæдæг дæр уырдæм биноныгæй алыгъди,— хорз бындуртæ сарæзта.
1869 азы Къостайы Стъараполы гимназмæ радта, уым хъæбæр хорз арæзт уыди ахуырады хъуыддаг. Хох адæмты лæппутæ иттæг рæвдыд уыдысты.
Нарон уæлыгæсæн йæ зæрдæ сыстъæлфыди ног царды зынгæй, зондады уидæгтæ рæмудзын байдыдта бындзарæй... Уарзон рæузæрдæйæн бирæ æнтысы,— зыдта тигъ митæ, фыдуаг ныхас,— уайтагъд чысыл æмбæлттæн балхон сси алы хорз хъæлдзæгадмæ; рæвдзныхасæй таурæгътæ, стихтæ æмæ зарджытæ фыссын хорз райдыдта уырыссагау; æмбисонд нывдæсныйады сгуыхтад æвдисын... Сцъил æй кодтой ахуыргæнджытæ Петербурджы Нывдæсныйады Академимæ бахизын. 1879 азы фæци каст гимнази. Стыр ном ирд суадонæй сыгъдæгдæр цæсгом нæ Ирæн уым скодта.
Бæллиццаг ын уыдысты йæ цæргæ-цæрæнбонты уыцы азтæ!..
Зæронд Леуан æй æрвыста паддзахы куысты, фæлæ Къоста коммæ нæ бакаст, араст и хæрз мæгуырæй Петербургмæ. Æртæ азы уым стыр уынгæджы фæтухи кодта. Æцæг, федта хæстæг стыр тохы цард. Дæрдтыл афæлгæсыд йæ сæрызондæй. Æрдæгкастæй рацыди уыцы Академийæ 1878 азы.

Стъараполы гимнази

АХУЫРАДЫ  АЗТÆ   1866 азы Къостайы

Слайд 4Петербурджы Аивады Академи

Петербурджы Аивады Академи

Слайд 5Лабæмæ, йæ уарзон фыды хæдзармæ ссыди, æппæтдæр æм уым дæрддаг уыдысты,—

уазал зæрдæ дардтой... Æнцойаг не ссардта уым...
Куыд байраг дугъон фыццаг фæдисы раз йæ рохтæ тоны æмæ хæры, афтæ йæ æфсæн риуы йæ ирон зæрдæ агурын байдыдта йæ ныййарджыты — зæронд Ирыстоны.

Фæхæссон ма,— загътон,— уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Нæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм!..

(«Ракæс»)

Номдзыд рæстæджы ссыд нæ Ирмæ. Ир биноныгæй æрфидар кодтой сæхиуыл буцхъæздыг быдыр, сарæзтой рæсугъд хъæутæ, куысты æмæ ахуырады фæндагыл æмгуыппæгæй рацæйцыдысты...
Куыд хистæртæ, афтæ лæппу адæм иттæг бауарзтой Къостайы... Уырысы ахуыргонд адæмы астæу уайтагъд хорз лымæнтæ скодта.
Къоста алы æхсæны хъуыддаджы тыхджын куыста. Мамæлайы комдзаг ардта нывтæ фыссынæй... Алкæй хæдзар уыди йæ хæдзар. Сæрды царди хъæуты, хохбæсты. Уыцы заман кæуæгау фæфыста йæ номдзыд ирон зарджытæ, æнхъæл, мæгуыр, нæ уыди, искуы уыдон чиныггондæй фендзæн, уый,— уымæн æмæ ирæй ирон чиныджы кой ничи кодта уыцы рæстæджы...

ИРЫ. ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ.

Лабæмæ, йæ уарзон фыды хæдзармæ ссыди, æппæтдæр æм уым дæрддаг уыдысты,— уазал зæрдæ дардтой... Æнцойаг не ссардта

Слайд 6Йæ зарджытæ къухфыстæй адæммæ фæцыдысты, сæ куыст кæнын райдыдтой!..
Арвы нæрынау айхъуыст

æгас Иры — Мæздæгæй Гудзаретмæ,— уыцы рæстæджы йæ тохы зарæг!..

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!.. («Додой»)
Удынцой ма фена, махæн нæ царды фæнд
Чи халы барæмвæндæй!..

Уæ, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд —
Цухъхъатæ дарæн мын нæй!.. («Салдат»)

Ардыдта фæсивæды ирон æвзагыл кусын, фыссын иронау, æмбырд кæнын зæронд дзырдтæ, рагон ныхæстæ, таурæгътæ, Нарты кадджытæ æмæ ирон зарджытæ... Йæ мæгуырхуыз кæракъуым уыди нæ фыццаг æцæг ирон скъола!..
Уыцы заманы й’ амондæн ссардта иттæг рæдау фысымтæ, мад-фыды æххуыс æмæ рæвдыд ын чи фæкодта йæ царды бонты. Уыдон уыдысты — хорз ирон зæрдæйы хицæуттæ — сауджын Цæлыккаты Алыксандр æмæ йæ чызджытæ — ахуыргæнджытæ, хъæдгæс Санаты Ибрагим, йæ ус Фуза, — уырысæй судылæг Владислав Шредерс, йæ ус Варварæ Гр. Шредерс.
Æнæ Къостайы иу стыр æмбырд, куывд, цины хъазт нæ аивгъуыдтой ирмæ дæр, уырысмæ дæр. Æрбаиу кодта дыууæ адæмы.
Номдзыд поэты Лермонтовы цырты куывды Гуымы — Хъæрмæдоны 16 августы 1889 азы иттæг рæсугъдæй бавдыста Иры. Рæбынæй бадæг æй скодтой, æгас Уæрæсейæ чи æрцыд, уыцы фыссæг адæм, зондады дæснытæ æмæ хицæуттæ. Цырты раз бакаст джихрæсугъд рухсаджы кадæг — «Перед памятником Лермонтова» («Лермонтовы цырты раз»).
— Ирон цъæх цухъхъа нæ амбылдта! — дзырдтой уырыс.


Йæ зарджытæ къухфыстæй адæммæ фæцыдысты, сæ куыст кæнын райдыдтой!..Арвы нæрынау айхъуыст æгас Иры — Мæздæгæй Гудзаретмæ,— уыцы

Слайд 7Къоста.- нывгæнæг…

Къоста.- нывгæнæг…

Слайд 8ИРОН ФÆНДЫР

ИРОН ФÆНДЫР

Слайд 9
Иу бон, стыр тыхсты сахаты, пиллон зынгау та йæ цæстытæ ссыгъдысты!..

Бабуц йæ бæгъатыр уынгæг зæрдæ...
Æмырæй æхгæд сау арвæй йæм хурзæрины тын йæ уарзон Ирыстонæй æрбакасти...
Йæ разы лæууыд, цæхæртæ калгæйæ, йæ кады тырыса, ирон чиныг: «Къоста. Ирон фæндыр». Йæ уды куысты æнæмæлæт нысайнаг. Ирон кувæндоны.
Фæихсыдысты ирæн сæ бонтæ хурныгуылæны изæрау, дзæгъæл задысты сæ хæхтæ уынгыл ниуæг сидзæрау!.. Хъуыст зæрдæхалæн сагъæс.

Уæ, нæ хæхтæ, нæ бæстæ,
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

Къоста ныллæууыд Иры астæу æхсæны раст лæгæн æмæ загъта мыггагæй-мыггагмæ хъуыдыйаг, фарны ныхæстæ йæ сызгъæрин чиныджы:
«Ныууадзут, Ир, хæлды ныхæстæ — чырыстон-пысылмон, Тега-Куыртта, æлдар-кæвдæсард, чысайнаг — туайлаг, дыгурон-къуыдарон...»

Иу бон, стыр тыхсты сахаты, пиллон зынгау та йæ цæстытæ ссыгъдысты!.. Бабуц йæ бæгъатыр уынгæг зæрдæ...Æмырæй æхгæд

Слайд 101895 азы айхъуыст æгас Ирыл йæ диссаг зарæг:
Цæйут, æфсымæртау
Радтæм нæ

къухтæ
Абон цæрæдзимæ,
Иры лæппутæ!..
Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй,
Рухсмæ æнæзивæт
Цомут æнтомæй!..
Райхъал кодта мæрдхуыстæй ацы чиныг æгас Иры, уымæн æмæ дзыллæйы зæрдæйы уидæгтæм бахъардтой йæ æгæрон сагъæсы, кæуыны æмæ хидзыллæйады мæты ныхæстæ!.. Ацы чиныгæй фидар бындур самадта Къоста ирон литературæйæн.
Стыр æхсары уарт радта ирон фыссæгæн... Культурон дзыллæты астæумæ ирон адæмы бакодта.


1895 азы айхъуыст æгас Ирыл йæ диссаг зарæг:Цæйут, æфсымæртау Радтæм нæ къухтæ Абон цæрæдзимæ, Иры лæппутæ!.. Скæнæм

Слайд 11 Мæгуыр æфхæрд лæгæн йæ хъастæн, раст лæгæн йæ

мастæн æрцыд сагъæссаг кæрон... Ногбон боны 1900 азы Къостайыл Кавказы сæрдарæй тел сæмбæлди: Кахановы хъаст мæнг разынд, сæрибар дæ!..
1900 азы мартъийы тыххæй-амæлттæй ма схаста йæ домд стæгдар Гуыммæ... Нал æй базыдтам. Саумылазон мигъ æрæхгæдта йæ рæсугъд цæстыты зынг... Æгомыг уыди сызгъæрин дзых... Уæззау рохст зæрдæ хуылфы ныххус!..
Фыднизы нысæнттæ бæрæг уыдысты. Йæ зонд йæхи бар нал уыди. Йæхæдæг æй, мæгуыр, не ‘мбæрста...
Цыдæртыл ма бæргæ архайын райдыдта. Йæ зæхх Лабæйы æрбауæй кодта, Дзæуджыхъæуы Ирыхъæуы кæрт алхæдта, хæдзар уым самадта; тыргътæй зындысты нæ хæхтæ æмæ быдыртæ...

НÆ ИУНÆДЖЫ КÆРОН…

Мæгуыр æфхæрд лæгæн йæ хъастæн, раст лæгæн йæ мастæн æрцыд сагъæссаг кæрон... Ногбон боны

Слайд 12 «Куы мæлон, уæд сæм ардыгæй салам æрвитдзынæн!..» — дзырдта-иу

худгæйæ...
Низ йæ сусæг сау куыст кодта. Иу бон лæг æгасæй æрхаудта. 1903 азы йæ йæ хо Олга аласта сæ хæдзармæ Лабæмæ...
Сынтæгæй нал рахызти... Рынчынфæрсæг адæмæн дзырдта æрмæст дыууæ ныхасы: «Ме ‘фсымæртæ, кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут!..»
19 мартъийы 1906 азы Ирыл сæмбæлд цыбыр сау уацхъуыд: «Къоста амарди. Олга». Йæ мард ын сластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ уым Иры аргъуаны фарсмæ баныгæдтой... Мардæн стыр æгъдау радтой алы дзыллæтæ... Кады дидинджытæй ингæн нал зынди...
Бирæтæ рæсугъд ныхæстæ загътой йæ цардыл æмæ йæ хъуыддæгтыл. Бакасти диссаг хъарæг уырыссагау поэт Цæголты Георги, иронау — Кадаты лæппу. Ерастийæ сæрвыста сау дудгæ маройы хъарæг поэт Гурдзибети Бласка.
Ахæлиу сты адæмтæ...
Судзæггаг марды сæрмæ хостой сæ риу ирон мадæлтæ, бындзыггай тыдтой иры устытæ сæ сæры хил. Æдзарды сидзæр Иунæджы хъарæг кодтой...
Рухсаг у, нæ Хурзæрин!..


«Куы мæлон, уæд сæм ардыгæй салам æрвитдзынæн!..» — дзырдта-иу худгæйæ...  Низ йæ сусæг сау

Слайд 13Къостайы хæдзар-музей Нары

Къостайы хæдзар-музей Нары

Слайд 14


Презентацийыл бакуыста 11-æм къласы ахуыргæнинаг Тыджыты Неля
Ахуыргæнæг: Бигъаты З.Р.
Нæ дзыллæйы

зæрдæ - Хетæгкаты Къоста
Презентацийыл бакуыста 11-æм къласы ахуыргæнинаг Тыджыты Неля Ахуыргæнæг: Бигъаты З.Р.Нæ дзыллæйы зæрдæ - Хетæгкаты Къоста

Что такое shareslide.ru?

Это сайт презентаций, где можно хранить и обмениваться своими презентациями, докладами, проектами, шаблонами в формате PowerPoint с другими пользователями. Мы помогаем школьникам, студентам, учителям, преподавателям хранить и обмениваться учебными материалами.


Для правообладателей

Яндекс.Метрика

Обратная связь

Email: Нажмите что бы посмотреть