Слайд 1
Коцойты Бибойы фырт Арсен
(1872-1944)
Слайд 3 Коцойты Бибойы фырт Арсен
(Габоци), зындгонд ирон фыссæг. Райгуырдис 1872-æм
азы 16 январы Джызæлы, амардис Дзæуджыхъæуы 1944-æм азы 4 февралы. Коцойты Арсен нымад у ирон аив прозæйы бындурæвæрджытæй иуыл.
Слайд 4 Царды œрфыст
Фараст азы йыл куы цыди, уæд
æй радтой хъæуы райдайæн скъоламæ. Ам разынд хорз чиныгдон, æмæ лæппу фæгæрз ис чингуытæ кæсыныл. Скъола каст куы фæци, уæд бацыдис Æрыдоны семинармæ, ам тынгдæр айста йæ зæрдæмæ литературæ, уæлдайдæр Къостайы зарджытæ. Баззад ахæм хабар дæр: фараст æмбалимæ иуахæмы Арсен фистæгæй фæцыд Дзæуджыхъæумæ Къостайы уынынмæ.
Йæ æнæниздзинад хорз кæй нæ уыд, уый аххосæй каст нæ фæци семинар. Сыздæхтис Джызæлмæ æмæ бавдæлдис фыссынмæ. Ардыгæй æрвыста алыхуызон уацхъуыдтæ газеттæ «Терские ведомости», «Казбек» æмæ æндæртæм. 1895 азæй фæстæмæ йын зынын байдыдтой мыхуыры.
Слайд 7Сфœлдыстад
Дыууиссæдз азæй фылдæр Арсены уацмыстæ мыхуыр цыдысты алыхуызон газеттæ æмæ журналты
Тбилисы (Калачы), Бетырбухы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй æндæр рæтты дæр, уыимæ арæх зындысты фæсномыгæй (зындгонд сты Арсены фæсномыгтæ: Арсен Дарьяльский, Хабос, Иунæг, Габойты Габо, Ар.).
Слайд 8 Журнал «Æфсир»
1910-æм азы уалдзæг Арсен ирон æвзагыл
Тбилисы уагъта алкъуырион журнал «Æфсир», кæцы сси дыккаг ирон журнал. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн. «Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл.
Слайд 9Æфсир (журнал)
«Æфсир» уыд, Коцойты Арсен Калачы кæй уагъта, уыцы журнал ирон
æвзагыл. Кæд уымæй рацыд æрмæст 14 номыры, уæддæр ацы журнал стыр ахъаз баци ирон литературæйы рæзтæн.
«Æфсиры» фыццаг хатт фæзындысты Арсены радзырдтæ ирон æвзагыл. Журнал «Æфсир» мыхуыр кодта Коцойты Арсены, Хъороты Дауыты, Тменаты Елбыздыхъойы, Тлатты Хохы, Гулиты Ефимы, Рæмонты Тæтæйы, Гаглойты Рутены, Тыбылты Алыксандры, Хъоцты Бидзинайы, Цæголты Георгийы æмæ æндæрты уацмыстæ, стæй ирон æвзагмæ тæлмацгонд уацмыстæ дæр.
Слайд 10 «Ноджыдæр ма уый зæгъæм, æмæ нæ журнал иу
партийырдæм дæр, иу къордырдæм дæр нæ кæндзæн, фæлæ нæ ныхас кæддæриддæр уыдзæн мæгуыр, бархъуаг æмæ тыхст адæмы пайдайырдæм».
Слайд 11Газет
«Æфсир» æхгæд куы æрцыдис, уæд Арсен абалц кодта Бетырбухмæ. Куыста дзы
Ленины газет «Правдайы» корректорæй (ома уырыссаг æвзаг афтæ хорз зыдта).
Джыгкайты Шамил:
«Арсен уыд царды трагизмы нывгæнæг. Йæ радзырдтæн куыд се ’рмæг, афтæ сæ сюжетон арæзт æмæ сæ архайджыты хъысмæттæ дæр нывæзт цæуынц трагедийы ахорæнтæй.»
Слайд 13Уацмысты сœйраг идея
Йæ цалдæр радзырдты фыссы туг исыны æгъдауыл: цал æмæ
цал фыдæбæттæ хаста уый ирон адæмæн. «Нæ фыдбылызты фыддæр», — афтæ схуыдта Арсен ирæды («Æфсир», N4). Ирæд исыны халæн мидис фыссæг æвдыста публицистон уацты, карикатурæты, аив радзырдты. Ирæд æмæ йæ фæстиуджытæ цæмæ кодтой, уый нывæфтыдæй уынæм «Афтæ дæр вæййы», зæгъгæ, уыцы радзырды.
Слайд 14Хœзиуœг
Арсены æхсæнадон-рухсадон æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ скодта Советон хицауад: фыссæг
1939 азы хорзæхджын æрцыд орден «Кады нысанæй». Йæ ном хæссынц Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны уынгтæ.
Слайд 15Æнœфыст уацмыстœ
Кæд йæ радзырдты тыххæй сси номдзыд, уæддæр фыста æндæр литературон
къабазты дæр. Ныффыста иу уацау («Джанаспи»), иу роман («Кæфхъуындар», æххæстæй мыхуыргонд никуы æрцыд) æмæ цалдæр пьесæйы.
Слайд 16Коцойты Арсены уацмыстæ мыхуырæй цыдысты ирон газет æмæ журналты, стæй мæнæ
Слайд 17 Чингуытœ
Радзырдтæ. Цхинвал, 1924;
Радзырдтæ. Мæскуы, 1927.
Радзырдтæ. Цхинвал, 1929;
Радзырдты
æмбырдгонд. 1-аг чиныг, Орджоникидзе, 1934.
«Фыдбылыз», «Цæукъа æмæ фыркъа», «Ханиффæйы мæлæт», «Джанаспи». Орджоникидзе, 1940.
Уацмыстæ, фыццаг том. Дзæуджыхъæу, 1949.
Уацмыстæ. Орджоникидзе, 1971.
1971-æм азы рауагъд нымад у Арсены тæккæ æххæст радзырдты æмбырдгондыл.