Афтæмæй поэт иртасы уарзондзинады ног æууæлтæ. Мухарбеджы лирикæйы уарзты æмрæнхъ цæуы мады темæ. Иу поэтикон æмвæзадыл фæлгъауы поэт ныййарæг зæхх æмæ мады фæлгонцтæ. Æмдзæвгæ «Хъæмæ» фыст æрцыд 1940 азы, фæлæ йæ адæм сæ зæрдæмæ айстой, цыма æрвыстæг хæстæй цæуы, афтæ. Поэт æмхуызон зæрдиагæй мысы йæ хъæу, йæ хъæубæстæ æмæ йæ мады. Автор хуымæтæг, фæлæ зæрдæбын ныхæстæй æвдисы æнкъарæнтæ. Æмдзæвгæ хуымæтæджы не сси адæмон зарæг.
Фыстæг мæ мадмæ
Мæ цæстыл уайыс алы бон, ныййарæг,
Цыма та бадыс рудзынджы раз ныр.
Кæсыс æнхъæлмæ: «Искæцæй, мыййаг, кæд, —
Фæзæгъыс ды, — æрбазынид мæ фырт...»
Æз зонын хорз дæ хъуыдытæ, дæ фæндтæ,
Кæй у дæуæн æнæ мæн, нана, зын.
Æмбарын æз, кæй мыл риссы дæ зæрдæ,
Кæй дæм фæзыны хаттæй-хатт цæссыг...
Нана, дæ зæрдæ ма дзурæд мæнимæ,
Дзæгъæлы ма кæн, ма, нана, æнкъард, —
Куыд нæ дæн æз хæсты быдыры иунæг,
Нæ дæ ды дæр гъе афтæ иу, мæ мад.
Фæуыдзæн хæст! Нæ рæстдзинады кардæй
Ызнаг æрцæудзæн тагъд рæстæджы саст.
Æмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй
Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст.
1943 аз. Хæцæг æфсад
Это сайт презентаций, где можно хранить и обмениваться своими презентациями, докладами, проектами, шаблонами в формате PowerPoint с другими пользователями. Мы помогаем школьникам, студентам, учителям, преподавателям хранить и обмениваться учебными материалами.
Email: Нажмите что бы посмотреть