Презентация, доклад на тему Презентаци Ма ирон мадалон авзаг

Æвзаг.Мадæлон æвзаг.Мадæлон æвзаг – мады ад кæны.«Æнусты цæр æмæ цæр,ИРОН ÆВЗАГ»

Слайд 1МÆ ИРОН МАДÆЛОН ÆВЗАГ.

МÆ ИРОН МАДÆЛОН ÆВЗАГ.

Слайд 2
Æвзаг.
Мадæлон æвзаг.
Мадæлон æвзаг – мады ад кæны.
«Æнусты цæр æмæ цæр,ИРОН ÆВЗАГ»

Æвзаг.Мадæлон æвзаг.Мадæлон æвзаг – мады ад кæны.«Æнусты цæр æмæ цæр,ИРОН ÆВЗАГ»

Слайд 3
1899 азы, 15 майы, Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад - мыхуыры рацыд

нæ уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр».Сæдæ азы фæстæ та, 1999 азы нæ республикæйы президент Дзасохты Алыксандыр рауагъта указ, 15 май куыд суа ирон æвзаг амæ литературæйы бæрæгбон .
1899 азы, 15 майы, Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад - мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ

Слайд 4 Нæ фыдæлтæ нын хорзæй цы ныууагътой, уыцы хæзнатæй иу у

нæ мадæлон æвзаг. Ирон æвзаг у аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, Нарты кадджыты æвзаг, Къоста, Васо, Секъа æмæ иннæ куырыхон лæгты æвзаг. 
Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ, йæ алолайы зарджытимæ, хистæрты аргъæуттæ æмæ таурæгътимæ.


Нæ фыдæлтæ нын хорзæй цы ныууагътой, уыцы хæзнатæй иу у нæ мадæлон æвзаг. Ирон æвзаг у

Слайд 5
Ирон æвзагыл бирæ бакуыста академик Андрей

Шегрен. Цард 1794-1855 азты. Шегрен дыууæ азы фæцард Ирыстоны æмæ сахуыр кодта ирон æвзаджы диалекттæ. Дзырдта сыгъдæг ирон æвзагыл. Сæрдæй зымæгæй зылди ирон хъæутыл, ахуыр кодта ирон адæмы истори æмæ æвзаг. Ныффыста чиныг «Ирон грамматикæ».Мыхуыры рацыд 1884 азы.
Ирон æвзагыл бирæ бакуыста академик Андрей Шегрен. Цард 1794-1855 азты. Шегрен дыууæ

Слайд 6. Ирон æвзаг – нæ хæзнаты хæзнадæр,
Æвидигæ,

æлутонау, йæ тых.
Нæй махæн уымæй а зæххыл зынаргъдæр,
Æнустæм у æнæмæлгæ, хъæддых.
 

Нæ зарджытæ ирон æвзагыл зарæм,
Нæ истори ирон дзырдтæй фыссæм.
Нæ «Кадджыты» дунейы хæрзтыл барæм,
Сæ хъайтарты нæ зæрдæмæ хæссæм!
 
( Цомартаты Дунетхан)

. Ирон æвзаг – нæ хæзнаты хæзнадæр,    Æвидигæ, æлутонау, йæ тых.

Слайд 7«Йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый хъæддаг адæймаг у».


К. Паустовский
«Йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый хъæддаг адæймаг у».      К. Паустовский

Слайд 8 Ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзтыл ноджы фылдæр хæрзты бацыд академик

Всеволод Миллер. Цард 1848- 1915 азты. Фыццаг хатт Ирыстонмæ сæфтыд 1879 азы хæрз æрыгонæй. Уæдæй фæстæмæ Ирыстоныл фæзылд цыппар сæрды дæргъы. Ирон адæмы цардыуаг Миллеры зæрдæмæ ноджы тынгдæр бахызт. Не ‘взагимæ ахуыр кодта фольклор, этнографи, археологи, истори. Уыйас хорз базыдта ирон æвзаг, æмæ æнцонæй дзырдта ирон куырыхон зæрæдтимæ, лæмбынæг хъуыста кадджытæм, аргъæуттæм, æмбисæндтæм.
Ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзтыл ноджы фылдæр хæрзты бацыд академик Всеволод Миллер. Цард 1848- 1915 азты.

Слайд 9
Францаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль цард 1898- 1987 азты.Ирыстоны зæххыл никуы

æрлæууыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта кавказаг адæмты филологи, уыдонимæ туркаг ирæтты æвзаг, истори æмæ адæмон сфæлдыстад, уæлдайдæр та- Нарты кадджытæ. Нарты кадджытæ кæд ахуыргæндты иу къорд нымайынц Кавказы адæмты иумæйаг сфæлдыстадыл, уæд Жорж Дюмезиль фидарæй загъта: «Уыцы диссаг дзырддаг нæу, уымæн нæу, æмæ æвзаг æмæ фольклорæй ирæттæ разындысты æппæтæй хæдзардзиндæр индоевропæйаг адæмты традицитæ бахъахъхъæнынмæ»
Францаг стыр ахуыргонд Жорж Дюмезиль цард 1898- 1987 азты.Ирыстоны зæххыл никуы æрлæууыд, фæлæ бындуронæй сахуыр кодта кавказаг

Слайд 10
Абайты Васо уыд стыр ирон ахуыргонд. Райгуырд 1900 азы хæххон хъæу

Къобы, Арвыкомы фæндаджы был. 1925 азы каст фæци Ленинграды университет. Уæдæй фæстæмæ куыста æвзагзонынады æмæ ахуыры алы къабæзты, раиртæста бирæ ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстатæ. Йæ куыстытæй уæлдай ахадгæдæр сты «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Нарты эпос», ирон æвзаджы грамматикон очерк», «Уырыссаг-ирон дзырдуат», «Ирон æвзаджы историон- этимологон дзырдуат». Васойы зонынц алы бæстæты æмæ йын стыр аргъ кæнынц йæ зонадон куысты тыххæй. Абайты Васо нымад у ирон æмæ ирайнаг æвзагзонынады тæккæ зындгонддæр æвзаг иртасæгыл.
Абайты Васо уыд стыр ирон ахуыргонд. Райгуырд 1900 азы хæххон хъæу Къобы, Арвыкомы фæндаджы был. 1925 азы

Слайд 11
«Ирон дзырд»
 
Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс,
Уый у дæ хъысмæт,

дæ ном.
Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс
Ирон дзырд – Иры цæсгом.
Æз балбæлас федтон дидинæг калгæ,
Ног чындзау дардмæ зындис.
Сæууон рухс уагъта бæрзонд уæларвмæ, –
Уый кæд ирон дзырд уыдис.
Ирон дзырд, ирон дзырд тæхгæ цæргæс у,
Рагæй йæ агуырдтон æз.
Ирон дзырд мады фæлмæн хъæлæс у,
Ирон дзырд – мады æнгæс.
Ирон дзырд – хурдзæсгом, зæххыл нæ уды,
Арв та – йæ базырты бар.
«Ирон дзырд» Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс,Уый у дæ хъысмæт, дæ ном.Ирон дзырд махæн – фыдæлты

Слайд 12
Уалдзыгон бонау мидбылты худы,
Гом кæны зæрдæйы дуар.
Ирон дзырд мæн абон

йæ куывдмæ хоны,
Цин ма цы вæййы æндæр?
Абон, ирон дзырд, дæ бæрæгбоны
Хъуамæ фæзарон æз дæр.
О, ацы уалдзæджы фыццаг арвнæрдæн,
Ирон дзырд басгуыхт æмбал.
Дзырдаивады æрвхуыз уыгæрдæн,
Дидинæг, дидинæг кал!
Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæ уарзыс,
Уый у дæ хъысмæт, дæ ном.
Ирон дзырд махæн – фыдæлты намыс
Ирон дзырд – Иры цæсгом.
 
( Чеджемты Ахсар )
 

Уалдзыгон бонау мидбылты худы,Гом кæны зæрдæйы дуар. Ирон дзырд мæн абон йæ куывдмæ хоны,Цин ма цы вæййы

Слайд 13
Ирон æвзаг, нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæхдыг,

бирæвæрсыг æмæ къабузджын.
Æрмæстæдæр ирон æвзагыл ис арф бамбарæн Иры хæхты урс ферттывд, æнусон Терчы зарæг, къахфындзтыл сираг сагсур лæппуйы фæнд, ирон авдæны хуыссæг сабийы адджын фын, дыргъбæлæсты сыбар - сыбур,ног хуымгонд быдырты цин æмæ мА суанг хоры мысты катай дзаг къутуйы алыварс.
Ахсджиаг у мадæлон æвзаг. Хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг.
Уый афтæ куы нæ уаид, уæд мах абон куыд хъусиккам æмæ æмбариккам ирон адæмы уарзон поэт, ирон адæмы сæрхъуызой – Хетæгкаты Къостайы хъæлæс? Куыд зониккам, цы фыст ис нæ фыдæлты хæзна « Нарты кадджыты?»...

Ирон æвзаг, нæ фыдæлты хæзна, у тынг рагон æмæ хъæхдыг, бирæвæрсыг æмæ къабузджын.Æрмæстæдæр ирон æвзагыл ис

Слайд 14
Æвзаг цас фылдæр куса, цас ыл фылдæр дзурой æмæ фыссой, уыйас

фидардæр кæны.
Æмæ мадæлон æвзаг фидар куы уа, уæд адæмдæр æнгомдæр, æмуддæр вæййынц. Адæм се взагæй адæм сты.

Æвзаг цас фылдæр куса, цас ыл фылдæр дзурой æмæ фыссой, уыйас фидардæр  кæны.Æмæ мадæлон æвзаг фидар

Слайд 18 МУЗЕЙЫ

МУЗЕЙЫ

Слайд 20
Ирон мæсыгау фидар ут!
Уарзут уæ райгуырæн бæстæ, уæ ИРОН
МАДÆЛОН ÆВЗАГ!

Ирон мæсыгау фидар ут!Уарзут уæ райгуырæн бæстæ, уæ ИРОН МАДÆЛОН ÆВЗАГ!

Что такое shareslide.ru?

Это сайт презентаций, где можно хранить и обмениваться своими презентациями, докладами, проектами, шаблонами в формате PowerPoint с другими пользователями. Мы помогаем школьникам, студентам, учителям, преподавателям хранить и обмениваться учебными материалами.


Для правообладателей

Яндекс.Метрика

Обратная связь

Email: Нажмите что бы посмотреть