Презентация, доклад на тему Колыты Аксо 9 кълас

Колыты Аксо райгуырд 1823 азы Нары.

Слайд 1КОЛЫТЫ АКСО

(1823 – 1866)

КОЛЫТЫ АКСО(1823 – 1866)

Слайд 2 Колыты Аксо райгуырд 1823 азы Нары.

Колыты Аксо райгуырд 1823 азы Нары.

Слайд 3 Фыццаг ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы, стæй та Калачы духовон

семинары æмæ йæ 1845 азы тынг хорз нысæнттимæ фæци.
Фыццаг ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы, стæй та Калачы духовон семинары æмæ йæ 1845 азы тынг

Слайд 4
1862 азы Аксо ирон чызджытæн байгом

кодта скъола, ахуыргæнæг дæр дзы уыд йæхæдæг, ахуыр та сæ кодта лæвар. Уый стыр хъуыддаг уыд уæды рæстæджы. Стæй скъола йæхæдæг дæр хорз ахъаз фæцис ирон сылгоймаджы рухсмæ ракæнынæн. Цалдæр азы фæстæ ацы скъолайæ арæзт æрцыд, ирон сылгоймæгты приют кæй хуыдтой æмæ суанг Октябры революцийы агъоммæ дæр чи куыста, уыцы ахуыргæнæндон.

1862 азы Аксо ирон чызджытæн байгом кодта скъола, ахуыргæнæг дæр дзы уыд

Слайд 5 Аксойы

зондамынд


«Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы, фыццаджы – фыццаг, ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг – мад»

Аксойы зондамынд  «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз

Слайд 6
Аксо канд ахуыргæнæг нæ уыд. Уый бирæ куыста уырыссаг æвзагæй

иронмæ дины чингуытæ тæлмац кæныныл дæр, Ирыстоны скъолаты куыст сифтонг кæныныл. Йæ рæстæджы ма иттæг архайдта йæ адæмы иудзинадыл дæр дины хъуыддаджы фæлгæтты. Ома цæмæй ирон адæм иууылдæр уыдаиккой иу диныл хæст (чырыстон диныл) æмæ къордтæ – дихтæ ма кодтаиккой, хæрам ма уыдаид се ’хсæн, дыууæ диныл хæст кæй уыдысты (чырыстон æмæ пысылмон), уый фæдыл.
Аксо канд ахуыргæнæг нæ уыд. Уый бирæ куыста уырыссаг æвзагæй иронмæ дины чингуытæ тæлмац кæныныл дæр,

Слайд 7 Уæды историон уавæрты зынгæ нысаниуæг уыд уыцы хъуыддагæн. Кавказы

адæмтæ сæ историон фидæн сбастой Уæрæсеимæ, фæлæ сæ пысылмон диныл хæст чи уыд, уыдонæн сæ зæрдæ нырма æхсайдта Турчы ’рдæм.
Ахæм уавæрты Аксойы фæнд куы ацыдаид, ирон адæм иууылдæр чырыстон дин куы райстаиккой, уæд нæ бавзæрстаиккой Туркмæ фæлидзыны трагеди. Уый мидæг уыд Колыты Аксойы хъуыдыйы прогрессивондзинад æмæ йæ ныхмæлæууæг Куындыхаты Муссæйы позицийы реакциондзинад.
Уæды историон уавæрты зынгæ нысаниуæг уыд уыцы хъуыддагæн. Кавказы адæмтæ сæ историон фидæн сбастой Уæрæсеимæ,

Слайд 8

«Йæ зæрдæйы райгуырæн бæстæйы туг цæджджинагау фыхт æмæ чъырсудзæнау пиллон

уагъта йе ’мбæстон ирон адæмы мæтæй. Æхсæв нæ хуыссыд, бон нæ бадти, Ирыстоны къуымты зæрватыккау ратæх – батæх кодта, цæмæй сиу кодтаид чырыстон дины уырнындзинады руаджы армыдзаг æмæ хæлиугонд ирон адæмы, цæмæй сæ цардыуаг æппæтæй дæр фæхуыздæр уыдаид, ууыл йæхи хъардта».

«Стыр зонды хицау уыди Аксо, фæлæ йын нæ бантысти йæ фæллойы дыргътæ фенын, йæ хъуыддæгтæ æрдæгыл баззадысты. Чи зоны, Аксо йæ фæнд сæххæст кодтаид, Куындыхаты Муссæ йæ ныхмæ лæууын нæ бафæрæзтаид, фæлæ йæ æнафоны мæлæт æрцахста».

СЕКЪА


«Йæ зæрдæйы райгуырæн бæстæйы туг цæджджинагау фыхт æмæ чъырсудзæнау пиллон уагъта йе ’мбæстон ирон адæмы мæтæй.

Слайд 9 Аксойы поэтикон уацмыстæ
Аксо ныффыста

æртæ поэтикон уацмысы: «Мах фыд» (1865 аз), «Мады – Майрæмы кады зарæг», «Чырыстийы рухс райгасдзинад». «Мах фыд» баззад къухфыстæй. Аксойæн йæхи къухæй фыст, иннæ дыууæ æмдзæвгæйы мыхуыр уыдысты журнал «Чырыстон цард» -ы, 1911 æмæ 1913 азты.
Сæ мидисмæ гæсгæ, уацмыстæ сты, аргъуаны – иу кæй кодтой кувæг адæм, ахæм зарджытæ, диныл баст. Се ’взаг уыд ныры ирон литературон æвзаджы хуызæн.
Аксойы поэтикон уацмыстæ   Аксо ныффыста æртæ поэтикон уацмысы: «Мах фыд» (1865

Слайд 10ЦЫБЫРТЫ ЛЮДВИДЖЫ ЧИНЫГ АКСОЙЫ ТЫХХÆЙ

ЦЫБЫРТЫ ЛЮДВИДЖЫ ЧИНЫГ АКСОЙЫ ТЫХХÆЙ

Слайд 11 Скульптор Тотиты Барисы конд цыртдзæвæн

Скульптор Тотиты Барисы конд цыртдзæвæн

Слайд 12 Аксойы номыл уынг Дзæуджыхъæуы

Аксойы номыл уынг Дзæуджыхъæуы

Слайд 13 Аксойы номыл гимнази Дзæуджыхъæуы.

Аксойы номыл гимнази Дзæуджыхъæуы.

Что такое shareslide.ru?

Это сайт презентаций, где можно хранить и обмениваться своими презентациями, докладами, проектами, шаблонами в формате PowerPoint с другими пользователями. Мы помогаем школьникам, студентам, учителям, преподавателям хранить и обмениваться учебными материалами.


Для правообладателей

Яндекс.Метрика

Обратная связь

Email: Нажмите что бы посмотреть