Презентация, доклад на тему Гуырдзыбеты Блашка 9 кълас

Гуырдзыбеты Блашка райгуырди станицæ Ново-Осетинскаяйы (иронау Мусы хъæуы) 1869 азы 1-æм мартъийы. Блашкайæн йæ фыд раджы амард. Стъараполы гимназы иучысыл ацахуыр кодта. стæй йæ ныууагъта æмæ 1888 азы

Слайд 1ГУЫРДЗЫБЕТЫ
БЛАШКА
(1869 – 1905)

ГУЫРДЗЫБЕТЫ БЛАШКА(1869 – 1905)

Слайд 2

Гуырдзыбеты Блашка райгуырди

станицæ Ново-Осетинскаяйы (иронау Мусы хъæуы) 1869 азы 1-æм мартъийы. Блашкайæн йæ фыд раджы амард. Стъараполы гимназы иучысыл ацахуыр кодта. стæй йæ ныууагъта æмæ 1888 азы æфсады службæ кæнын райдыдта. Фæци каст æфсæддон скъола æмæ 1893 азы райста хъазахъхъаг æфсады кæстæр афицеры ном.
Блашка æфсæддон куыстыл уыд æнувыд: йæ цард æфсады арвыста, йæ мæлæт дæр уым ссардта. 1905 азы Японы хæстмæ барвæндæй ацыдис æмæ июлы 1-æм бон атакæйы рæстæджы дзыхъмард фæци знаджы нæмыгæй дæлесаул Блашка.
Бирæ уарзтой раст адæймаг æмæ хъæбатыр афицеры полчъы æфсæддон адæм. Цинкæй табæты Блашкайы мард æрластой йæ райгуырæн хъæумæ, æмæ цым ныгæд æрцыд йæ фыды фарсмæ.



Гуырдзыбеты Блашка райгуырди станицæ Ново-Осетинскаяйы (иронау Мусы хъæуы) 1869

Слайд 3КЪОСТА ÆМÆ БЛАШКА.
Блашка кувæгау кодта Хетæгкаты Къостайы стыр ном æмæ генион

поэзимæ.
Блашка, æвæццæгæн, Къостаимæ базонгæ 1889 азы, Пятигорскы Лермонтовы цырт куы гом кодтой, уæд.
КЪОСТА ÆМÆ БЛАШКА.Блашка кувæгау кодта Хетæгкаты Къостайы стыр ном æмæ генион поэзимæ. Блашка, æвæццæгæн, Къостаимæ базонгæ 1889

Слайд 4КЪОСТА М.Ю.ЛЕРМОНТОВЫ ЦЫРТЫ РАЗ. 1899 АЗ.

КЪОСТА М.Ю.ЛЕРМОНТОВЫ ЦЫРТЫ РАЗ. 1899 АЗ.

Слайд 5
Ка дин не

скæндзæнæ кадæ,
Ка дин нæ ратдзæнæй ’гъдау?
Ка сдзурдта, ниййергæй нæ мадæ,
Адæммæ е ’взагæй дойау?

Тари, гъæуаггин - чирагъæй,
Скодтай йæ дæ мæтæ, дæ уаргъ,
Фæйхастай æнцон дæ рагъæй,
Зонгæй йин æ уæжи æ йаргъ.


1899 АЗЫ КЪОСТА ДЫККАГ ХАТТ ХАСТ КУЫ ’РЦЫД ДАРД ХЕРСОНМÆ, УÆД БЛАШКА НЫФФЫСТА НОМАРÆН ÆМДЗÆВГÆ КЪОСТАЙÆН:

Ка дин не скæндзæнæ кадæ,

Слайд 6 Блашкайы сфæлдыстад æнæхъæнæй дæр куыд мидисæй, афтæ формæйæ

дæр æнгом баст уыдис адæмон поэзийыл – фольклорыл. Уырдыгæй æрбацыд йæ зæрдæмæ, стæй йе ’мдзæвгæтæм иунæджы фæлгонц абырæджы хуызы.
«Абæрег!» - раджы дæр æмæ ныр дæр ирон адæм уый фидис кæнынц. Абырæг тыхæй исæг æмæ давæг уыд, æндæр ницы. Фæлæ уыд абырджытæй иу хуыз – адæм кады зарджытæ кæуыл кодтой. Уыдон уыдысты ахæм адæм, æхсæны царды æнæрастдзинæдты ныхмæ чи сыстад æмæ уыйадыл сау хъæдмæ лидзын кæй бахъуыд. Афтæмæй – иу уыдон систы адæмы сæрыл паддзахы чиновникты ныхмæ тохгæнæг иунæджытæ. Иунæджытæ кæй уыдысты, уый тыххæй сæ хъысмæт уыдис трагикон, сæ царды кæрон уыдис искуы дзæгъæл ран, паддзахы фæсдзæуинты нæмыгæй кæнæ ахæстоны йе та хъæды астæу æвæгæсæгæй амæлын.Ахæм адæймаджы хъысмæтыл хъынцъым кæны Блашка йæ номдзыд зарæг «Абырæджы». Зарæг фыст у абырæгæн йæ монолоджы хуызы, йæхæдæг дзуры йæ сагъæссаг цардыл, йæ трагикон адзалыл. Йæ мидис фылдæр хъарæджы ’рдæм здæхт у. Блашкайы абырæг–иунæг тынг æнгæс у Къостайы æмæ Секъайы сфæлдыстады цы иунæджытæ ис, уыдонимæ – Хъуыбады, Ибрагим æмæ æнд.

ИУНÆДЖЫ ФÆЛГОНЦ БЛАШКАЙЫ ПОЭЗИЙЫ.

Блашкайы сфæлдыстад æнæхъæнæй дæр куыд мидисæй, афтæ формæйæ дæр æнгом баст уыдис адæмон поэзийыл

Слайд 7

Блашкайы иунæг дæр афтид бындурыл баззад, фæлæ йæ дарддæры цардæн равзæрста æндæр фæндаг:
Фæттæргай дæн нæ адæмæй,
Абæрегæй ралигъдтæн,
’Ма нивгун исдæн алцæмæй,
Ратгæй барæ мæ нихтæн.
Иугæр абырæг сси, уæ та йæхи бафæдзæхста йæ райгуырæн бæстыл æмæ хъæддаг сырды цард кæны:
Скодтон æхсæви ме ’рвадæ,
Райстон думги æмбалæн:
Хонун нæ бæстæ мæ мадæ,
Кæнгæй йибæл цауæн…
Иунæгæн нæй фидæн – уый йæ мæт; иунæг абырæг сси, æхсæны цард рæстаг бындурыл амад кæй нæу, уый тыххæй. Хорз адæймаг фыдвæндагыл бафтыд фыдуавæрты æмæ фыдадæмы аххосæй.. Уыйадыл махæн нæ зæрдæ ис уый æрдыгæй, кæд абырæг у, уæддæр.


Блашкайы иунæг дæр

Слайд 8«Æдули» у дыууæмийон комеди. Иу нывы сты Цæругты бинонтæ сæ сагъæстæ,

сæ хъуыдытæ, сæ фæндиæгтимæ, иннæ нывы – Борхаты бинонтæ, уыдон дæр сæхи сагъæссаг царды хабæрттимæ. Ницы сæ иу кæны, кæрæдзийыл æмбæлгæ дæр нæ кæнынц уацмысы мидæг. Иу хæдзарæй иннæмæ рауай – бауай кæны Уолмес, дам-думгæнаг ус.
Иутæ (Цæругтæ) сты хъæздыг æмæ се ’дылы лæппуйæн (æрдзæй рацыд сæрхъæн) курынц ус, иннæтæ (Борхатæ)сты уæздан æмæ мæгуыр, сæ царды материалон уавæр фæхуыздæр кæныны охыл дæттынц сæ иунæг чызджы стыр ирæдыл. Сæ иутæн дæр уæлдай нæу: кæй ракурдзысты кæнæ кæмæн ратдзысты сæ чызджы.Уацмыс комеди дæр уымæн у, æмæ дзы адæймаджы хъысмæтыл нæ цæуы ныхас, фæлæ базар кæныныл, æлхæнын – уæй кæныныл. Цæругтæ се ’дылыйæн ус курынц, фæлæ æдылыйæ мой кæнын æнамонддзинад кæй у, адæймагæн стыр трагеди кæй у, уый рæстмæ æмбаргæ дæр нæ кæнынц. Ахæм сты Борхаты уæздан бинонтæ дæр:сæ иунæг чызджы иу æдылыйы разæй хъуамæ скæной æхцайыл, æмæ уыцы хабар стыр æнамонддзинад кæй у сæ чызгæн, уый сæ фæсонæрхæджы дæр нæй.

«ÆДУЛИ» – ФЫЦЦАГ ИРОН СТИХÆЙФЫСТ КОМЕДИ.

«Æдули» у дыууæмийон комеди. Иу нывы сты Цæругты бинонтæ сæ сагъæстæ, сæ хъуыдытæ, сæ фæндиæгтимæ, иннæ нывы

Слайд 9 БЛАШКАЙЫ ЦЫРТДЗÆВÆНТÆ ДИГОРАЙЫ ÆМÆ ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ.

БЛАШКАЙЫ ЦЫРТДЗÆВÆНТÆ  ДИГОРАЙЫ ÆМÆ ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ.

Что такое shareslide.ru?

Это сайт презентаций, где можно хранить и обмениваться своими презентациями, докладами, проектами, шаблонами в формате PowerPoint с другими пользователями. Мы помогаем школьникам, студентам, учителям, преподавателям хранить и обмениваться учебными материалами.


Для правообладателей

Яндекс.Метрика

Обратная связь

Email: Нажмите что бы посмотреть