Презентация, доклад на тему Близнецы

сæ нæмттæ бæрæг кæмæн не сты, ахæм адæмон кадæггæнджытæ,таурæгъгæнджытæ, аргъаугæнджытæ, зарæгæнджытæ кæй скодтой, дзыхæй –дзыхмæ фæлтæрæй – фæлтæрмæ чи цыд, уыцы поэтикон уацмыстæ. Адæмон сфæлдыстады хуызтæ сты

Слайд 1
АРГЪАУ
«ФАЗЗÆТТÆ»

АРГЪАУ«ФАЗЗÆТТÆ»

Слайд 2

сæ нæмттæ бæрæг

кæмæн не сты, ахæм адæмон кадæггæнджытæ,таурæгъгæнджытæ, аргъаугæнджытæ, зарæгæнджытæ кæй скодтой, дзыхæй –дзыхмæ фæлтæрæй – фæлтæрмæ чи цыд, уыцы поэтикон уацмыстæ.
Адæмон сфæлдыстады хуызтæ сты бирæ: Нарты кадджытæ, Даредзанты таурæгътæ, аргъæуттæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, хъæлдзæг ныхæстæ æ. æнд.

АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД (уырыссагау – устное народное творчество) -

сæ нæмттæ бæрæг кæмæн не сты, ахæм адæмон

Слайд 3

адæмы таурæгъон литературæйы фæлгъуызтæй

иу: æрымысгæ кæнæ фантастикон цаутæ æвдыст кæм цæуы, ахæм прозаикон уацмыс.
Аргъæуттæ вæййынц:сатирикон,юмористон,алæмæтон(фантастикон). Аргъауы нысан у кæнæ исты зонд амонын, кæнæ, чи хъусы, уыдон ирхæфсын.Бирæ сатирикон аргъæутты адæм хурмæ хæссынц паддзæхты, æлдæртты, сауджынты фыдмитæ æмæ æдзæсгомдзинад. Аргъæутты тыхджындæрæй æвдыст æрцыд адæймаджы хуыздæр миниуджытæй иу –
райгуырæн бæстæ уарзын æмæ йе знæгты ныхмæ æхсарджын тохмæ цæттæ уæвын.



АРГЪАУ -

адæмы таурæгъон литературæйы фæлгъуызтæй иу: æрымысгæ кæнæ фантастикон цаутæ æвдыст кæм

Слайд 4
Адæмон аргъæутты мотивтæм гæсгæ бирæ фысджытæ фыстой литературон

аргъæуттæ, стæй сæхи оригиналон аргъæуттæ дæр.
Ирон фысджытæй литературон аргъæуттæ уæлдай аивдæр фыстой
Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Секъа, Брытъиаты Созырыхъо, Мамсыраты
Дæбе, Нигер, Гуыцмæзты Алеш æ. æнд.

ЛИТЕРАТУРОН АРГЪÆУТТÆ

Адæмон аргъæутты мотивтæм гæсгæ бирæ фысджытæ фыстой литературон  аргъæуттæ, стæй сæхи оригиналон аргъæуттæ дæр.

Слайд 8КАВКАЗАГ УÆЗДАН САГ

КАВКАЗАГ УÆЗДАН САГ

Слайд 15
САГ (олень) – сынæрцæгъдæг къайсæфтæгджын æхсырæйхæссæг цæрæгой къабузджын сыкъатимæ.

Кавказаг уæздан саг( кавказский благородный олень) цард Цъæйы комы, фæлæ йын йæ мыггаг сыскъуыйын кодтой цуанонтæ. 1963 азы Кавказы фæдзæхст хъæдмæ æрбаластой кавказаг уæздан сагты лæппын фос.
Фыранк (леопард, барс) – тыхджын сырды мыггаг(тугдзых хъæддаг гæдыты мыггагæй) тæппытæ цармимæ. Ирыстоны гербыл дæр ис йæ ныв.
Залиаг калм (дракон)- калм – кæфхъуындар ирон аргъæутты.у æппæт
дæтты хицау. Адæмæй донæй пайдагæнæггаг домы хъалон – рæсугъд чызджытæ. Иуахæмы фæзыны аргъауы хъæбатыр æмæ залиаг калмы амары.

ДЗЫРДУАТОН – ФРАЗЕОЛОГИОН КУЫСТ

САГ (олень) – сынæрцæгъдæг къайсæфтæгджын æхсырæйхæссæг цæрæгой къабузджын сыкъатимæ. Кавказаг уæздан саг( кавказский благородный олень)

Слайд 16
Чъисса (кисет) – гыццыл дзæкъул тамако дарынæн, йæ ком синагæй

бæтгæ.
Схон (кремень) – тынг хъæбæр дур. Фыццагон дуджы хъуыд зынг рацæгъдынæн.
Зных, зныгъ(трут) – хус зокъо, кæрæдзийыл сæ куы ахафай, уæд сæ фесхъиуы зынджы стъæлфæнтæ.

ФРАЗЕОЛОГИОН ДЗЫРДБÆСТЫТÆ
«сæ уд сын æрдуйæ нарæгдæр скодта»- тухæнæй сæ мардта.; « хур йæ был сдардта»- хур
райсомæй скаст; «зæрдæ рухс кодта»- алцæмæй дæр разы уыд; «адæмы сæрыл хи æрхæссын» -
адæмы тыххæй цард раттын; «хуртæ æмæ дзы мæйтæ касти» - уыди алæмæты рæсугъд.

Ахæм дзырдбæстытæ дзурæг сты ирон æвзаджы хъæздыгдзинадыл, сæ фæрцы аивдæрæй,
ирддæрæй æвдыст æрцæуынц уацмысты архайджыты фæлгонцтæ.



Чъисса (кисет) – гыццыл дзæкъул тамако дарынæн, йæ ком синагæй бæтгæ. Схон (кремень) – тынг хъæбæр

Слайд 17ЧЪИССА, СХОН ÆМÆ ЗНЫХ.

ЧЪИССА, СХОН ÆМÆ ЗНЫХ.

Что такое shareslide.ru?

Это сайт презентаций, где можно хранить и обмениваться своими презентациями, докладами, проектами, шаблонами в формате PowerPoint с другими пользователями. Мы помогаем школьникам, студентам, учителям, преподавателям хранить и обмениваться учебными материалами.


Для правообладателей

Яндекс.Метрика

Обратная связь

Email: Нажмите что бы посмотреть